Акæс дард æмæ фен, мæй(ы) рухс донимæ баиу,
Ныр мемæ цом, нæ фæндаг ‘ргом!
Нал кæнын гуырысхо, ныр дæн бæлццон
Фæндаг - аив.
Уыдзæн 'нцон,
Уый у мæ бон!
Алы ног фæдзæхст, алы зын фæндаг
Мæнæй у æвзæрст, æз дæн уый аккаг,
Алцы у мæ бон, кæдæм нæ тырнон,
Нæ кæнын фæсмон.
Талынджы рухс фæндаг æз уынын
Нысан у.
Мæ фæндаг 'ргом, æз дæн бæлццон.
Мæйы рухс тар доныл уадзы фæд
Зæрдæ райы.
Мæ фæндаг 'ргом,
Нæй йын кæрон!